Конкурс «Ирон дæн æз»

09 марта 2017

Абон бирæ ныхас цæуы нæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæныныл, йæ дарддæры рæзтыл, фыдæлтæй баззайгæ рæсугъд æмæ фæзминаг æгъдæуттæ сног кæныныл, нæ фидæн, нæ ныфс сты нæ фæсивæд, нæ кæстæртæ. Уыдонæй аразгæ у, цавæр уыдзæн нæ сомбон, фылдæр уыдонмæ кæсы ирон æвзаг æмæ нæ фыдæлты фæрныг æгъдæуттæ хъахъхъæнын, нæ фидæны фæлтæртæм хæццæ кæнын. Æмæ цæмæй афтæ уа, уый тыххæй абон мах уыцы удварнон хæзнатæ дæттын хъæуы нæ кæстæртæн.

Фыдæлтæй нæм цы зонындзинæдтæ æмæ фарны æгъдæуттæ баззад, уыдоныл иузæрдион сты Цæгат Ирыстоны Республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад» - ы уæнгтæ.

Ацы змæлды хихъæппæрисæй 28 февралы Æрыдоны 1-æм скъолайы аразт æрцыд конкурс «Ирон дæн æз». Архайдтой дзы 7 скъолайы минæвæрттæ - чызджытæ 9- 11–æм къласонтæ. Конкурсы сæйрагдæр нысæныл нымад уыд, цæмæй рæзгæ фæлтæр æнувыд уой райгуырæн бæстæйыл, уарзой мадæлон æвзаг, ма рох кæной нæ хорз ирон æгъдæуттæ.

1-аг бынат адих кодтой 1-æм æмæ Хъæдгæроны скъолайы ахуырдзаутæ Джыгкайты Фатимæ æмæ Саматы Томæ. 2–аг бынат бацахста Къостайыхъæуккаг Бырнацты Викæ, 3-аг бынат та райста

2-æм скъолайы минæвар Гаглойты Регинæ. Чызджытæ, куыд сæ ахуыргæнджытæ, хорзæхгонд æрцыдыста Кады грамотæ æмæ æхцайы фæрæзтæй.

Иннæ архайджытæн та «Иудзинад» - ы уæнгтæ саккаг кодтой къухыл дарæн сахæттæ. Конкурс кæм ацыд, уыцы скъолайæн та Джусойты Нафийы чингуыты æмбырдгонд.

Ныфс нæ ис, республикон æркасты нæ районы минæвæрттæ хуыздæрты æмрæнъ кæй æрлæудзысты, уый.

Фотоотчет

 

А+ А-