Джеоргуыбайы хорзæх Уæ уæд!

22 ноября 2016

Ногæй та Ирыстоны зæххмæ æрцыд рæсугъд æмæ райдзаст бæрæгбон Джеоргуыба! Сызгъæрин Уастырджи та йæ сызгъæрин базырæй ауыддзан нæ Хуыцауы уарзон Ирыстоныл!

Ацы бонæй адæм кувдзысты Стыр Хуыцаумæ æмæ Уастырджимæ, æмæ сæ куывдтæ Хуыцаумæ фехъуысæт! Ирыстоны кувæг адæм стæм æмæ хорз дзинадтæй хайджын уæм! Ацы бæрæгбон бæрæг кæнынц æнæхъан Дунейы, ирон адæймаг кæм цæры уым! Ирыстоны та йæ бæрæг кæнынц æрмæст ирæттæ нæ, фæлæ дзы цы адæмы хаттыта царынц, уыдон иууылдæр!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнæм Джеоргуыбайы бæрæгбоны фæдыл, æнæниз æмæ амонджын ут!

ÆРЫДОНЫ РАЙОНЫ БЫНÆТТОН
ХИУЫНАФФÆЙАД АХУЫРАДЫ РАЗАМЫНД

А+ А-