Олимпиадӕйы уӕлахиздзаутӕ

01 марта 2024

Уæздан чызг, хæрзæгъдау кæстæр, курдиатджын скъоладзау, бинонты хуры тын, алцæмæй фæзминаг - Фæрниаты Агуындæ олипиадæйы Уæлахиздзау, Фыййаджыбылы скъолайы 10-æм къласы ахуырдзау.

Йæ ахуыргæнæг – Колыты Аксойы премийы лауреат, педагогон фæллойы ветеран, Хъойбайты Зоря Владимиры чызг ирон æвзагыл, йæ дæсныйадыл у æнувыд æмæ йæ хъомылгæнинæгтæн дæр уарзын кæны, цæстуарзонæй сæ афтауы мадæлон æвзаг, фыдæлты æгъдау æмæ культурæйыл. Се уæнгты сын уадзы уыцы уарзондзинад. Уымæн та æвдисæн сты Агуындæйы æнтысдзинæдтæ. Канд ацы аз нæ, фæлæ ма фарон дæр Фæрниаты Агуындæ сси ирон æвзаг æмæ литературæйы республикон олимпиадæйы дыууæ хатты уæлахиздзау (æвзагæй æмæ литературæйæ).

Æвзонг чызг ныридæгæн зоны, фидæны цы дæсныйад райсынвæнд кæны, уый. Агуындæйæн йæ фæндтæ йæ къухы бафтæнт! Зоря Владимиры чызгæн та ахуырмæ зæрдæргъæвд скъоладзаутæ фылдæр куыд уа! #рубрика#олимпиадӕйы уӕлахиздзау

А+ А-