Олимпиадæйы уæлахиздзау

04 марта 2024

«Йӕхи 'взаг чи нӕ зоны, уый йӕ адӕмыл дӕр ӕмӕ йе 'гъдӕуттыл дӕр былысчъил кӕны»,- зӕгъы ирон ӕмбисонд.

Гуыбаты Дзерассӕ - олимпиадæйы Уæлахиздзау, Ӕрыдоны 1-ӕм скъолайы 11-ӕм къласы ахуырдзау, уыдонмӕ нӕ хауы. Ирон ӕвзаг йӕ мады ӕхсыры хъуырттимӕ ахъардта йе уӕнгты, ныффидар йӕ сӕры зонды. Ирон ӕвзагыл дзурынц йӕ ныййарджытӕ, бинонтӕ, ӕмӕ йын йӕ мадӕлон ӕвзаг сси йӕ мадау адджын. Афтӕ кӕй у, уымӕн та ӕвдисӕн, фарон дӕр ӕмӕ ацы аз дӕр ирон ӕвзаджы олимпиадӕйы регионалон къӕпхюны призер ӕмӕ уӕлахиздзау кӕй сси, уый.

«Лохты Ритæ Хазбийы чызг мӕнӕн у мы дыккаг мад. Йӕ рацыд, йӕ раныхас, йе стыр фӕзминаг хъуыддӕгтӕ махӕн сты стыр ныфс царды. Бирӕ йын уарзӕм йӕ предмет ӕмӕ йын стыр аргь кӕнӕм. Зӕрдиагӕй архайӕм, цӕмӕй йӕ ном, йӕ кад бӕрзондӕй бӕрзонддӕр кӕна. Сӕрыстыр дӕн мӕ уарзон скъолайӕн, мӕ уарзон ахуыргӕнӕгӕн та ацы аз дӕр уӕлахздзинад кӕй архастон, уымæй… Уырны мӕ, бирӕ ма нын кӕй бантысдзӕн!»

А+ А-