28 мартъийы ацыд республикон æркаст-конкурс «Ирон дæн æз!»

30 марта 2017

28 мартъийы ацыд республикон æркаст-конкурс «Ирон дæн æз!»

Нæ районæй дзы архайдтой дыууæ ахуырдзауы: Саматы Томæ (Хъæдгæроны скъола) æмæ Джыккайты Фатимæ (Æрыдоны 1-æм скъола), кæцы бацахста 2 –аг бынат. Бацæттæ сæ кодтой ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы ахуыргæнджытæ - Гуытъиаты Заремæ æмæ Лохты Ритæ. Чызджытæ арæхстджынæй архайдтой, иттæг хорз равдыстой сæ зонындзинæдтæ ирон бæрæгбæтты, чызгæрвыст æмæ чындзхасты æгъдæутты,рагон кусæнгæрзты тыххæй, бацæттæ кодтой ирон хæринæгтæ.

Конкурсы архайджытæ, куыд сæ ахуыргæнджытæ дæр, хорзæхгонд æрцыдысты Кады гæххæттæй æмæ æхцайы фæрæзтæй.

Зæгъæн ис, нæ рæзгæ фæлтæр æнувыд кæй 'сты нæ Райгуырæн бæстæйыл, кæй уарзынц мадæлон æвзаг, нæ ирон æгъдæуттæ!

Сæрыстыр стæм нæ курдиатджын кæстæртæй!

Загъан ис , на рæзгæ фæлтæр æнувыд кæй сты нæ райгуырæн бæстæйыл, кæй у уарзынц мадæлон æвзаг, нæ хорз ирон æгъдæуттæ.

А+ А-