Республикон ǽркаст – конкурс «Ирон дǽн ǽз

10 мая 2018

3 майы Дзǽуджыхъǽуы Металлургты Культурǽйы галуаны сценǽйыл ацыд кǽронбǽттǽн ǽркаст – конкурс чызджыты хсǽн «Ирон дǽн ǽз». Архайдтой дзы нǽ республикǽйы районты скъолатǽй фыццаг къǽпхǽны ǽркаст – конкурс «Ирон дǽн ǽз»-ы чи фǽуǽлахиз, уыдон.

Ǽдǽппǽтǽй конкурсы архайдтой 10 ǽрыгон чызджы. Ǽрыдоны районǽй конкурсы архайдтой 2 суинаг архайǽджы: Къостайы хъǽуы скъолайы 11 - ǽм къласы ахуырдзау Мамиаты Дианǽ (йǽ ахуыргǽнǽг – Цхуырбаты Зарǽ), Ǽрыдоны 1 - ǽм скъолайы 11 - ǽм къласы ахуырдзау Гуыбаты Дианǽ ( йǽ ахуыргǽнǽг – Лохты Ритǽ).

Нǽ чызджытǽ ǽркаст – конкурсы ирд ахорǽнтǽй равдыстой нǽ рагфыдǽлты рǽсугъд, ǽнǽмǽлгǽ ǽгъдǽуттǽ, базонгǽ кодтой жюрийы уǽнгты ǽмǽ уазджыты куыд хорз зонынц ирон мадǽлон ǽвзаг, равдыстой сǽ зонындзинǽдтǽ ǽмǽ арǽхстдзинад.

Фыццаг бакастысты нывǽцǽнтǽ «Ирон дǽн ǽз». Дыккаг фǽлварǽны чызджытǽ хорз равдыстой, ирон бǽрǽгбǽттǽ бǽстон кǽй зонынц, уый. Дǽлдǽр не рлǽууыдысты чындзǽхсǽвы ǽгъдǽуттǽ зоныны фǽлварǽны дǽр. Хǽлттǽ сǽппаргǽйǽ, чи цы гъдау систа, уый тыххǽй радзырдта ǽнǽкъуылымпыйǽ. Ерысдзаутǽ иттǽг хорз радзырдтой рагон кусǽнгǽрзты тыххǽй ǽмǽ сǽ архайдǽй равдыстой, хǽдзары сǽ куыд пайда кодтой, уый. Бǽстон равдыстой ǽмǽ радзырдтой ирон хǽринǽгты тыххǽй, цы ахадындзинад сын ис, ǽмǽ сǽ куыд фǽкǽнынц, уыдǽттǽ. Конкурс - ǽркасты кǽронбǽттǽны чызджытǽ сǽ арǽхстдзинад равдыстой аивадон - сфǽлдыстадон ерысы, акодтой ирон уǽздан кǽфтытǽ.

Жюрийы уǽнгты хатдзǽгтǽм гǽсгǽ, Къостайы хъǽуы скъолайы 11 - ǽм къласы ахуырдзау Мамиаты Дианǽ (йǽ ахуыргǽнǽг – Цхырбаты Зарǽ) бацахста 2 бынат. Ǽхсǽнадон змǽлд «Иудзинад» - ы ǽвзǽрст лǽг Байсонгъуырты Мухтар ǽмǽ советы уǽнгтǽ Токты Валодя, Дзуццаты Феликс, Мамытты Тамерлан, Засеты Сослан архайджыты се ппǽты дǽр схорзǽхджын кодтой Кады гǽххǽттытǽ ǽмǽ зǽрдылдарǽн лǽвǽрттǽй. Дыккаг бынат бацахсǽг ахуырдзау Мамиаты Дианǽ ǽмǽ йǽ ахуыргǽнǽг Цхуырбаты Зарǽйǽн ма лǽвǽрд ǽрцыдысты ǽхцайы премитǽ дǽр фǽйнǽ дǽс мин сомы.

А+ А-