Хетᴂгкаты Къостайы райгуырᴂн боны кадᴂн Рассветы хъᴂуы рᴂвдауᴂндоны ацыд мидисджын бᴂрᴂгбон

15 октября 2018

Хетᴂгкаты Къостайы райгуырᴂн боны кадᴂн Рассветы хъᴂуы рᴂвдауᴂндоны ацыд мидисджын бᴂрᴂгбон. Рᴂвдауᴂндоны сабитᴂ аив бакастысты ᴂмдзᴂвгᴂтᴂ, азарыдысты нᴂ номдзыд поэты ᴂмдзᴂвгᴂтыл фыст зарджытᴂ, акодтой ирон кᴂфтытᴂ, ахъазыдысты театралон постановкᴂты. Бᴂрᴂгбон цᴂмᴂй зᴂрдᴂмᴂдзᴂугᴂ рауайа, уымᴂн стыр ᴂвᴂрᴂн бахастой рᴂвдауᴂндоны хъомылгᴂнджытᴂ Ногайты Мᴂдинᴂ ᴂмᴂ Дзампайты Аллᴂ.

А+ А-