ᴁрыдоны 1-ᴂм скъолайы ацыд ᴂрвылазон ᴂркаст-конкурс лᴂппуты хсᴂн "Ирон дᴂн ᴂз"

23 ноября 2018

ᴁрыдоны 1-ᴂм скъолайы ацыд ᴂрвылазон ᴂркаст-конкурс лᴂппуты хсᴂн "Ирон дᴂн ᴂз". Архайдтой дзы нᴂ районы скъолаты ахуырдзаутᴂ, ᴂдᴂппᴂтᴂй 6 ᴂрыгон лᴂппуйы:

Гᴂбуты Алан - ᴁрыдоны 1-ᴂм скъолайы, 11-ᴂм къласы ахуырдзау;

Тотойты Георги - ᴁрыдоны 2-ᴂм скъолайы, 10-ᴂм къласы ахуырдзау;

Дзитойты Алыксандр - Красногоры хъᴂуы скъолайы, 11-ᴂм къласы ахуырдзау;

Хъулаты Сослан - Къостайы хъᴂуы скъолайы, 10-ᴂм къласы ахуырдзау;

Гаглойты Марат - Мичурины хъᴂуы скъолайы, 10-ᴂм къласы ахуырдзау;

Гаглойты Мурат - Нарты хъᴂуы скъолайы, 9-ᴂм къласы ахуырдзау.

Нᴂ лᴂппутᴂ ᴂркаст-конкурсы равдыстой сᴂ арф зонындзинᴂдтᴂ ᴂмᴂ арᴂхстдзинад, базонгᴂ кодтой жюрийы уᴂнгты ᴂмᴂ уазджыты куыд хорз зонынц ирон мадᴂлон ᴂвзаг. Фыццаг бакастысты нывᴂцᴂнтᴂ "Ирон дᴂн ᴂз". Дыккаг фᴂлварᴂны радзырдтой сᴂ мыккаджы равзᴂрд. ᴁртыккаг фᴂлварᴂны лᴂппутᴂ хорз равдыстой, ирон бᴂрᴂгбᴂттᴂ бᴂстон кᴂй зонынц, уый. Дᴂлдᴂр не рлᴂууыдысты чындзᴂхсᴂвы ᴂгъдᴂуттᴂ зоныны фᴂлварᴂны дᴂр. Ерысдзаутᴂ иттᴂг хорз радзырдтой рагон кусᴂнгᴂрзты тыххᴂй ᴂмᴂ сᴂ архайдᴂй равдыстой, хᴂдзары сᴂ куыд пайда кодтой, уый. Конкурс-ᴂркасты кᴂронбᴂттᴂны лᴂппутᴂ сᴂ арᴂхстдзинад равдыстой аивадон-сфᴂлдыстадон ерысы.

Конкурсы архайджытᴂн аргъ кодтой жюрийы уᴂнгтᴂ, Республикон ᴂхсᴂнадон змᴂлд "Иудзинад"-ы уᴂнгтᴂ: Токты Валодя, Байсогъуырты Мухтар, Дзуццаты Феликс, ᴁрыдоны сылгоймᴂгты советы сᴂрдар Калоты Эммᴂ ᴂмᴂ ᴁрыдоны сывᴂллᴂтты сфᴂлдыстады хᴂдзары методист-Мамедкеримова Ирина.

Жюрийы хатдзᴂгтᴂм гᴂсгᴂ:

1 бынат бацахста: 1-ᴂм скъолайы 11-ᴂм къласы ахуырдзау Гᴂбуты Алан (йᴂ ахуыргᴂнᴂг Лохты Ритᴂ);

2 бынат райста: Къостайы хъᴂуы скъолайы 10-ᴂм къласы ахуырдзау Хъулаты Сослан (йᴂ ахуыргᴂнᴂг Цхуырбаты Зарᴂ);

3 бынат радтой: Нарты хъᴂуы скъолайы 9-ᴂм къласы ахуырдзау Гаглойты Муратᴂн (йᴂ ахуыргᴂнᴂг Дулаты Маринᴂ).

ᴁхсᴂнадон змᴂлд "Иудзинад"-ы уᴂнгтᴂ се ппᴂт архайджыты дᴂр ᴂмᴂ сᴂ чи бацᴂттᴂ кодта, уыдоны дᴂр схорзᴂхджын кодтой Кады гᴂххᴂттытᴂ ᴂмᴂ зᴂрдылдарᴂн лᴂвᴂрдтᴂй.

1-аг, 2-аг, 3-аг бынат чи бацахста ᴂмᴂ сᴂ ахуыргᴂнджытᴂн ма лᴂвᴂрд ᴂрцыдысты ᴂхцайы премитᴂ дᴂр.

Конкурс амыдтой ᴁрыдоны 4-ᴂм скъолайы ирон ᴂвзаг ᴂмᴂ литературᴂйы ахуыргᴂнᴂг Боциты Зᴂринᴂ ᴂмᴂ 11-ᴂм къласы ахуырдзау Кокойты Георги.

А+ А-