Дзᴂуджыхъᴂуы Металлургты Культурᴂйы галуаны сценᴂйыл ацыд кᴂронбᴂттᴂн ᴂркаст-конкурс "Ирон дᴂн ᴂз"

10 декабря 2018

Дзᴂуджыхъᴂуы Металлургты Культурᴂйы галуаны сценᴂйыл ацыд кᴂронбᴂттᴂн ᴂркаст-конкурс "Ирон дᴂн ᴂз". Архайдтой дзы нᴂ республикᴂйы районты скъолаты фыццаг къᴂпхᴂны ᴂркаст-конкурс "Ирон дᴂн ᴂз"-ы чи фᴂуᴂлахиз, уыдон.

ᴁрыдоны районᴂй конкурсы архайдта 1 ᴂм скъолайы 11 ᴂм къласы ахуырдзау Гᴂбуты Алан, кᴂцы жюрийы хатдзᴂгтᴂм гᴂсгᴂ бацахста 1 бынат (йᴂ ахуыргᴂнᴂг Лохты Ритᴂ). Алан ᴂркаст-конкурсы тынг рᴂссугъдᴂй равдыста нᴂ рагфыдᴂлты рᴂссугъд, ᴂнᴂмᴂлгᴂ ᴂгъдᴂуттᴂ, базонгᴂ кодта жюрийы уᴂнгты ᴂмᴂ уазджыты куыд хорз зонын ирон мадᴂлон ᴂвзаг, равдыста йᴂ арф зонындзинᴂдтᴂ ᴂмᴂ арᴂхстдзинад.

А+ А-