ᴁрыдоны 1-ᴂм скъолайы ацыд муниципалон ᴂркаст-конкурс "Ирон аив дзырды дᴂсны"

19 марта 2019

ᴁрыдоны 1-ᴂм скъолайы ацыд муниципалон ᴂркаст-конкурс "Ирон аив дзырды дᴂсны". Архайдтой дзы ᴂппᴂт районы скъолаты ахуырдзаутᴂ. Хистᴂр кълᴂсты ахуырдзаутᴂ кастысты зындгонд ирон поэт Хетᴂгкаты Къостайы ᴂмдзᴂвгᴂтᴂ ᴂмᴂ прозᴂйы фыст уацмыстᴂй скъуыддзᴂгтᴂ.

Скъоладзауты арᴂхстдзинадᴂн аргъ кодтой жюрийы уᴂнгтᴂ: ахуырады хайады сᴂргълᴂууᴂджы хᴂстᴂ рᴂстᴂгмᴂ ᴂххᴂстгᴂнᴂг - Мамиаты Розᴂ, ахуырады хайады сᴂйраг специалист - Хъайырты Людᴂ, ᴁрыдоны Къуымᴂллᴂгкаты Мураты номыл адᴂмон театры актрисᴂ - Дзугкойты Зинᴂ, сывᴂллᴂтты хᴂдзары методист - Мамедкиримова Иринᴂ ᴂмᴂ ᴁрыдоны районы газет "Рухс"-ы уацхᴂссᴂг - Сихъоты Маринᴂ.

Жюрийы уᴂнгтᴂ аргъ кодтой архайджытᴂ ᴂмдзᴂвгᴂтᴂ ᴂмᴂ прозаикон уацмысты хъуыдытᴂ раргом кᴂнынмᴂ куыд аив арᴂхсынц уымᴂн.

Жюрийы хатдзᴂгтᴂм гᴂсгᴂ:

Фыццаг номинаци ᴂмдзᴂвгᴂ аив бакᴂсынᴂй уᴂлахиздзау сси ᴂмᴂ 1-аг бынат райста Кокойты Георги, ᴁрыдоны 4-ᴂм скъолайы, 11-ᴂм къласы ахуырдзау (йᴂ ахуыргᴂнᴂг Боциты Зᴂринᴂ);

Дыккаг номинаци прозᴂйы фыст уацмысᴂй скъуыддзаг аив бакасынᴂй уᴂлахиздзаутᴂ систы Беджызты Алинᴂ Хъᴂдгᴂроны скъолайы, 9-ᴂм къласы ахуырдзау (йᴂ ахуыргᴂнᴂг Цᴂлыккаты Риммᴂ) ᴂмᴂ Хетᴂгкаты Дзерассᴂ Къостайы хъᴂуы, 9-ᴂм къласы ахуырдзау (йᴂ ахуыргᴂнᴂг Цхуырбаты Зарᴂ).

Адон ныр архайдзысты 2 къᴂпхᴂны республикон ᴂркаст-конкурс "Ирон аив дзырды дᴂсны"-йы. Уᴂлахиздзаутᴂн лᴂвᴂрд ᴂрцыдысты ахуырады хайады номᴂй Кады гᴂххᴂттытᴂ ᴂмᴂ ᴁрыдоны бынᴂттон хиуынаффᴂйады администрацийы номᴂй ахцайы фᴂрᴂзтᴂ, архайджытᴂн та Кады гᴂххᴂттытᴂ ᴂмᴂ зᴂрдылдарᴂн лᴂвᴂрттᴂ - чингуытᴂ.

Скъоладзаутᴂ ᴂмдзᴂвгᴂтᴂ куы кастысты, уᴂд бᴂрᴂг уыд, фᴂсивᴂд стыр аргъ кᴂй кᴂнынц мадᴂлон ᴂвзагᴂн, уый. Ахᴂм мадзᴂлттᴂ дᴂр аразынц уый тыххᴂй, цᴂмᴂй скъоладзаутᴂ зоной ᴂмᴂ дзурой сᴂ мадᴂлон ᴂвзагыл. Жюрийы уᴂнгтᴂ бузныг загътой ахуырдзауты ныййарджытᴂн, стᴂй цᴂ конкурсмᴂ чи бацᴂттᴂ кодта, уыдонᴂн.

А+ А-