ᴁрыдоны 1 - ᴂм скъолайы ацыд ᴂрвылазон конкурс-ᴂркаст чызджыты хсᴂн "Ирон дᴂн ᴂз"

24 апреля 2019

ᴁрыдоны 1 - ᴂм скъолайы ацыд ᴂрвылазон конкурс-ᴂркаст чызджыты хсᴂн "Ирон дᴂн ᴂз". Архайдтой дзы нᴂ районы скъолаты минᴂвᴂрттᴂ, ᴂдᴂппᴂтᴂй 7 ᴂрыгон чызджы:

Зᴂгᴂлты Дзерассᴂ - 1-ᴂм скъолайы, 10-ᴂм къласы ахуырдзау;

Сланты Луизᴂ - 2-ᴂм скъолайы, 11-ᴂм къласы ахуырдзау;

Лазарты Элинᴂ - Хъᴂдгᴂроны хъᴂуы скъолайы, 10-ᴂм къласы ахуырдзау;

Дзасохты Анжелᴂ - Красногоры хъᴂуы скъолайы, 9-ᴂм къласы ахуырдзау;

Гогаты Миленᴂ - Къостайы хъᴂуы 10-ᴂм къласы ахуырдзау;

Тебиаты Зᴂринᴂ - Нарты хъᴂуы скъолайы, 11-ᴂм къласы ахуырдзау; Хуыбиаты Мᴂринᴂ - Фыййаджыбылы хъᴂуы скъолайы, 9-ᴂм къласы ахуырдзау.

Конкурсы чызджытᴂ бакастысты нывᴂцᴂнтᴂ, равдыстой ирон бᴂрᴂгбᴂттᴂ ᴂмᴂ чындзᴂхсᴂвы ᴂгъдᴂуттᴂ куыд хорз зонынц, уый. Радзырдтой рагон кусᴂнгᴂрзты ᴂмᴂ ирон хᴂринᴂгты тыххᴂй. Сᴂ арᴂхстдзинад та равдыстой аивадон-сфᴂлдыстадон ерысы.

Конкурсы архайджытᴂн аргъ кодтой жюрийы уᴂнгтᴂ, Республикон ᴂхсᴂнадон змᴂлд "Иудзинад"-ы уᴂнгтᴂ, ᴁрыдоны сылгоймᴂгты советы уᴂнг, газет "Рухс"-ы уацхᴂссᴂг Сихъоты Мᴂринᴂ, ᴁрыдоны адᴂмон театры архайᴂг Дзугкойты Зинᴂ.

Жюрийы хатдзᴂгтᴂм гᴂсгᴂ:

1 бынат райста: Зᴂгᴂлты Дзерассᴂ 1-ᴂм скъолайы ахуырдзау;

2 бынат: Гогаты Миленᴂ Къостайы хъᴂуы скъолайы ахуырдзау;

3 бынат: Дзасохты Анжелᴂ Бᴂрᴂгъуыны скъолайы ахуырдзау.

ᴁхсᴂнадон змᴂлд "Иудзинад"-ы уᴂнгтᴂ се ппᴂт архайджыты дᴂр ᴂмᴂ сᴂ чи бацᴂттᴂ кодта, уыдоны дᴂр схорзᴂхджын кодтой Кады гᴂххᴂттытᴂ ᴂмᴂ зᴂрдылдарᴂн лᴂвᴂрдтᴂй.

1-аг, 2-аг, 3-аг бынат чи бацахста ᴂмᴂ сᴂ ахуыргᴂнджытᴂн ма лᴂвᴂрд ᴂрцыдысты ᴂхцайы премитᴂ дᴂр.

А+ А-