Абон Ирыстон бᴂрᴂг кᴂны ирон ᴂвзаг ᴂмᴂ литературᴂйы бᴂрᴂгбон

15 мая 2019

Абон Ирыстон бᴂрᴂг кᴂны ирон ᴂвзаг ᴂмᴂ литературᴂйы бᴂрᴂгбон. Ирон адᴂмы хуыздᴂр бᴂрᴂгбᴂттᴂй иу у, нᴂ мадᴂлон ᴂвзаджы бᴂрᴂгбон.

ᴁрыдоны районы рᴂвдауᴂндᴂтты кусᴂн къордтᴂ тынг зᴂрдиагᴂй сᴂхи бацᴂттᴂ кодтой ᴂмᴂ сбᴂрᴂг кодтой ацы бᴂрᴂгᴂбон. Хъомылгᴂнджытᴂ сабитимᴂ бацᴂттᴂ кодтой цымыдисаг ᴂмᴂ мидисджын равдыстытᴂ: акодтой ирон кᴂфтытᴂ, бакастысты ᴂмдзᴂвгᴂтᴂ, равдыстой цыбыр театралон постановкᴂтᴂ. Ахᴂм бᴂрᴂгбᴂттᴂ аразынц уый тыххᴂй, цᴂмᴂй сывᴂллᴂттᴂ разᴂнгард кᴂной ᴂмᴂ тырной ирон ᴂвзаг ахуыр кᴂнынмᴂ, дзурой сᴂ мадᴂлон ᴂвзагыл.

А+ А-