«Не, взаг – нæ хæзна»

11 ноября 2016

Ирыстоны алы къуымты (ахуыры бынæтты, куысты, фæлладуадзæн бынæтты рæстæг) арæх хъусæм «не взаг сæфы», зæгьгæ. Фæлæ сываллонимæ хæдзары дæ мадæлон æвзагыл куы дзурай, равдауæндæтты, скъолаты нывыл куыст куы цæуа, уæд, æвæццæгæн, уæлдæр загъд хъуыдыимæ не сразы уыдзыстæм. Уымæн æвдисæн у, Æрыдоны районы рæвдауæндæтты цы куыст цæуы мадæлон æвзаджы ныхасы рæзтыл, уый. Кæй зæгъын ай хъæуы ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ сæ фæлтæрдзинад кæрæдзийæн не, вгъау кæнынц.

Республикон семинары разамонæг у ЦИАЗУИ (РИПКРО) кусæг ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Джанайты Ларисæ. Тынг архайы цæмæй рæвдауæндæтты ирон æвзаджы ахуыргæнджыты фæлтæрдзинад хъæздыгдæр кæнæ. Æмæ уымæ гæсгæ арæх вæййы гом ахуыртæ.Ахæм мидисджын гом ахуыры абон Æрыдоны 5-æм рæвдауæндон «Аргъау»-ы сæмбæлдысты æппæт республикæйы рæвдауæндæтты ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ. Æргом æрдзырдтой , нæ рæвдауæндæтты ирон æвзаг сабитæн тынгдæр куыд бауарзын кæной, уый фадыл. Гом ахуыры архайгайæ, бæрæг уыд, сабитæм Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ гуырын кæныныл стыр куыст кæй цæуы. Ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ Уалыты Эльмирæ æмæ Бутаты Кæрина, семæ сæ сæргълæууæг Плиты Зæлинæимæ мадзалыл кусгæйæ сæ рæзма цы хæстæ сæвæрдтой, уыдон æххæст уыдысты. Пайда кодтой ног технологитæй, биноныг куыст цыд ныхасы рæзтыл (сæ активон дзырдуат сын хъæздыгдæр кодтой), рæзын кодтой сабиты хъуыдыкæнынад æмæ цымыдисдзинад, уарзондзинады æнкъарæн райгуырæн бæстæмæ, Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад. Цæст атонын нæ куымдта сабитæй , фæлгонцгонд уыдысты аив ирон дарæсы. Ахам мадзæлттæ тынг ахадгæ сты нæ сабиты ирондзинадыл, иронау дзурыныл.

Фотоотчет

 

 

А+ А-